РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы арфæ Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны фæдыл
НИА-Алания
- Подробности
-
Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Зæрдиаг арфæ уын кæнын Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны фæдыл! Баст у Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ æмбырдгонд «Ирон фæндыр»-ы фыццаг рауагъдимæ. Ацы аз 15 майы уыцы зынгæ цауыл æххæст кæны 120 азы.
Æвзаг адæмæн у йæ историкон æмæ культурон бындур. Æнæ уымæй нацийæн сæфынц йæ химбарынад, йæ уд, йæ цæсгом æмæ йæ фидæн. Литературæ та гуыры адæмы зæрдæйæ. Махæн не 'взаг æмæ нæ литературæ фыдæлтæй баззадысты стыр хæзнайау. Æмæ нæ иумæйаг хæсыл нымайын уыдоныл аудын.
Абон ирон æвзаг ахуыр кæнынæн ис бирæ фадæттæ, чи цыфæнды куы дзура, уæддæр. Ис нæм скъолатæ, æнæфидгæ курсытæ, ирон гимнази, уагъды цæуынц ирон газеттæ, журналтæ сабитæн æмæ хистæр фæлтæрæн, ис нæм национ телеуынынад, радио, йæ арфæйаг куыст кæны Ирон театр – аив дзырды артдзæст. Фæлæ уымæй уæлдай хъуамæ алчидæр, йæ бон куыд у, афтæ архайа, цæмæй йæ хæдзары, йæ куысты бынаты кæддæриддæр зæла ирон ныхас, йæ кæстæртæ дзурой мадæлон æвзагыл, æнгомдæр зонгæ кæной национ литерæтурæйы хæзнадонимæ æмæ дарддæр хæссой ирон дзырды фарн.
Уырны мæ, æнувыдæй æмæ æмзæрдæйæ æрвылбон не 'взаджы райрæзтыл куы кусæм, уæд нын, æнæмæнг, бирæ бантысдзæн.
Арфæгонд ут æмæ уыл абоны кадджын бæрæгбон рæсугъдæй, хъæлдзæгæй цæуæд!
Битарты В.